Дзæуджыхъæуы Серафимовичы уынджы хи хæдзæрттæй иуы æрцыд зынгсирвæзт
Дзæуджыхъæуы Серафимовичы уынджы хи хæдзæрттæй иуы æрцыд зынгсирвæзт. Æдас ранмæ дзы ракодтой 15 адæймаджы. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикон управленийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй сыгъды фæзуат у 35 квадратон метры. Зынгхуыссынгæнджытæ арт ахуыссын кодтой. Конструкцитæ райхалыныл ма кусынц. Адæмæй хъыгдард ничи баййæфта.