Абанайы бон гæлæутæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

9 лет назад

Ацы хатт адæймаджы бынат бацахста, æнхъæл дæр кæмæн не стут, уыцы цæрæгой — гæлæу. Уырыссагау æй фылдæр зонынц хомякæй. Цы кадртæ уын равдисдзыстæм, уым нырма лæппын у, махмæ гæсгæ. Фæлæ сыгъдæгдзинад ныридæгæн дæр тынг уарзы. Кæм æй систой, уый дæр бæрæг нæу. Фæскадры суанг фæсарæйнаг ныхас дæр хъуыстис. Фæлæ уый уæлдай нæу. Йæхимæ куыд зилы, уый у феныны аккаг. Тæнгъæд сапоны `ртах дæр ын фаг уыдис абанайы бон саразынæн æмæ чысыл гæлæу уымæй спайда кодта. Йæ лыстæг къæхтæй йæхи афынк кодта æмæ йæ рæбинагдæр рæттæ раууæрд-баууæрдыл схæцыд. Раст хосдзау лæгау йæхи æрæхсадта. Видео Интернеты чи федта, уыдон сагъæсы бацыдысты. Тарстысты, сапоны фынкæй чысыл цæрæгой йæ цæстытæ куы байдзаг кæна, зæгъгæ. Фæлæ йæм цыма уый æппындæр нымады дæр нæ уыдис, афтæ нæм кæсы. Сæйрагдæр æм фæкаст, цæмæй йæ фæлмæн уæлæдарæс цæхæртæ скала æмæ йæ хицауы зæрдæхудты ма бацæуа. Махмæ гæсгæ, чысыл найæг уыцы хæс уæлдайджынтæй сæххæст кодта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Абанайы бон гæлæутæн

Категория:

Новости и СМИ