Схос сын кæн кæндзысты
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдары фыццаг хæдивæг Андрей Исаев Паддзахадон Думæйы фæндон бахаста хосты зилдухы закъоны ивддзинæдтæм æркæсын. Бакусдзысты сыл Уæрæсейы хицауадимæ. Сæ сæйраг нысан уыдзæн Уæрæсейы цæрджыты хостæй æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæнын, нæ бæстæйы уагъд хосты регистраци фенцондæр кæнын æмæ афтекты æргътæм уæлдай цæстдард саразын. Уыцы фарстатæ нысангонд уыдзысты уыцы-иу закъонмæ. Æркæсдзысты йæм уалдзыгон сессийы. Раздæр уал Уæрæсейы хицауады сæрдар Дмитрий Медведев фехъусын кодта йæ хъæппæрисы тыххæй ацы фарстайы фæдыл. 2017-æм азы 1-æм февралæй фæстæмæ фæлварæны хуызы иуæй-иу хостæ нысан кæнынц сæрмагонд бæрæггæнæнтæй. Ахæм фæтк ахæсдзæн ацы азы кæронмæ. Системæмæ ныридæгæн бахастой 5 мин куыстуаты æмæ 700 хосы иуæджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Схос сын кæн кæндзысты
Категория:
Новости и СМИ