Хорз фæндагыл цæут!
Аивæдты лицейы рауагъдонтæн та абон арфæтæ ракодта Алексей Мачнев. Куыд загъта, афтæмæй ацы бон сæ зæрдыл иууылдæр бадарынц. Адæймагмæ уæлдай æнкъарæнтæ гуырын кæны. Куыд ивгъуыд æнусты, афтæ ныры дуджы дæр лицейы ахуыр кæнын кæддæриддæр кадджын уыд. Историйы бирæ лицеистты нæмттæ баззадысты. Дзæуджыхъæуы лицейы ахуырдзаутæ дæр сæхи хорзæй равдисынц. Курдиатджын фæсивæд ныр дæр рауагъдонтæн бацæттæ кодтой цымыдисаг концертон программæ. Йæ хъомылгæнинæгтæн ныстуаны ныхæстæ нæ бавгъау кодта лицейы хицау Ходы Фатимæ дæр. Бафæдзæхста сын, цæмæй царды фæндагыл кæной рæсугъд æмæ уæндон къахдзæфтæ. Цы фæндтæ æмæ сæм нысантæ ис, уыдон та куыд сæххæст уой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хорз фæндагыл цæут!
Категория:
Новости и СМИ