Сывæллаттæн Ног азы бæрæгбоны бацæттæ кодтой Евгений Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры
Æххуысцух бинонтæй чи у, уыдонӕн, стӕй сидзæр æмæ цудыд ӕнæниздзинадимӕ сывæллæттæн уырыссаг академион театры ацыд егъау бæрæгбон. {Фæсивæдæн бацæттæ кодтой театралон равдыстытæ æмæ спектакльтæ. «Кот в сапогах», «Летучий корабль», «Бродяга–принц» æмæ «Бременские музыканты». Спектаклы размæ та хъæздыг программæ Митын Дада, Митæ æмæ аргъæутты хъайтартимæ. Ног азы бæрæгбæттæ бацæттæ кодтой республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министрады. Æдæппæтæй мадзæлтты бацархайынц 3 минмæ 'ввахс сывæллоны. Фæнысан кæндзыстæм, бæрæгбæттæ кæй цæуынц æппæт районты дæр. Алы сывæллон дæр райста адджинæгты дзæкъул æмæ арфæйы фыстæг республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv