Сабиты цинæн
Республикон психиатрон рынчындоны цы сывæллæттæ ис уыдоны Ног азы агъоммæ бабæрæг кодта нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан. Сабитæ сæ хъомылгæнджытимæ уазджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ: барæсугъд кодтой заз бæлас, радзырдтой æмдзæвгæтæ, равдыстой аргъæуттæй ист скъуыддзæгтæ. Сывæллæтты барæвдыдтой адджинæгтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Бæрæгбоны мадзалмæ æрабцыдысты сабиты ныййарджытæ дæр. Раарфæ кодтой министрады минæвæрттæн сывæллæтты зæрдæтæ кæй бахъæлдзæг кодтой, уый фæдыл. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй хорз æнкъарæнтæ сывæллæттæн æххуыс сты сæ низтимæ тох кæнынæн. Республикон психиатрон рынчындоны сывæллæтты хайады ныртæккæ ис 18 сабийы. Цæуы сыл 4 азæй 15 азы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сабиты цинæн
Категория:
Новости и СМИ