Цæгат Ирыстон артаджы аргъмæ гæсгæ ис, æппæты зынаргъдæр цы регионты у, уыдоны æхсæн
Цæгат Ирыстон артаджы аргъмæ гæсгæ ис, æппæты зынаргъдæр цы регионты у, уыдоны æхсæн. Артаджы аргъмæ гæсгæ республикæ бацахста 79-æм бынат 85-ы 'хсæн. Уый баст у цæрджыты мæйы мызды рæстæмбис бæрæггæнæнимæ. Æппæты фылдæр артаг мыздæй рауайы Мæскуы, Ямало-Ненецкы æмæ Чукоткӕйы автономон зылдты. Æппæты къаддæр та - Цæгат Кавказы республикæты. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости. Биржæйы дæр артаджы аргъ рекордтæ сæтты. Фæлæ, монополиты ныхмæ федералон службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй аргътæ æнæнхъæлæджы æмæ тагъд хызт регионы не 'скодтой. Республикæйы Экономикæйы рæзты министрады æмбарын кæнынц, артаджы аргъ баст у бирæ бæрæггæнæнтимæ. Уыдоны æхсæн - йæ ласӕггаг, хъалонтæ æмæ акцизтæ.