«Спецэкосервис»-ы кусджытæ цæттæ кæнынц зымæгон рæстæгмæ
"Спецэкосервис"-ы кусджытæ цæттæ кæнынц зымæгон рæстæгмæ. Райдайдзæн 15 ноябры. Ныридæгæн сцалцæг кодтой техникæйы 51 иуæджы. Дзырд цæуы мит æмæ тротуартæ æфснайæн машинæтыл, уæзласæн æмæ æндæр сæрмагонд хæдтулгæтыл. Æдæппæтæй фæндæгтæ сыгъдæг кæндзысты 250 адæймаджы. Регионалон операторы специалисттæ афæдзы дæргъы пъланмæ гæсгæ цалцæг кодтой сæ хæдтулгæтæ, цæмæй зымæгон рæстæгмæ уой цæттæ. Афтæмæй, афойнадыл æфснайдзысты республикæйы фæндæгтæ. Æдасдзинады домæнтæ хынцгæйæ та ма бацæттæ кодтой 2000 тоннæйы цæхх. Кæд нæ рафаг уа, уæд ма дзы ногæй самал кæндзысты.