Саккаты Мияйы хъæуы Америкӕйы дохтырты æвæстиаты ӕххуыс
3-аздзыд Мия Ног азы æнхъæлмæ кæсы алæмæты фæзындмæ. Йæ кармæ гæсгæ чызг æмбаргæ у. Йæ сабибонтæ хъæлдзæгæй æрвитын æй нæ уадзы карз низ. Сывæллæтты церебралон параличæй рынчын у. Афæдз ыл куы цыд, уæд ӕм ӕй рабæрæг кодтой дохтыртæ. Саби æмгъуыдæй раздæр райгуырд. Йӕ бæрæггæнæнтӕ цӕрӕддзаг нӕ уыдысты. Чызджы мад æй кæны дохтырты аххос. Мийæйыл 11 мæйы куы цыд, уæд дзыхæй сдзырдта, йæ сæр хъæддыхæй дарын райдыдта афæдздзыдæй, æртæ азæй та къахæй ауад. Дохтыртæ уæд дзырдтой, йæ уавæр уæззауæй-уæззаудæр кæй кæндзæн. Фæлæ сывæллоны ныййарджытæн сæ ныфс нæ асаст. Райдыдтой реабилитацийæ, уыимæ канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Мия гуырдзæй тынг фидар у. Кæуын æм куы фæцæуы, уæддæр йæхи ныхъхъæддых кæны. Быхсы рыстæн. Йæ нуартты иу хай сты дургонд, иннæтæ та æгæр лæмæгъ. Фæлæ йæ уавæр, гæнæн ис, æмæ фæива. Чызджы буары биомеханикæ фæхуыздæр кæныны фæдыл операци кæнынц æрмæст Америкæйы. Сабийы агъд фæдаргъдæр кæндзысты проколты руаджы. Буары цъарæй хæцъæфмæ бавналгæйæ. Уый фæрцы чызг йæ къахфындзтыл нал цæудзæн. Нью-Джресийæ дохтыр онлайн хуызы чызджы уавæрмæ æркаст æмæ загъта Мия йæ пациент кæй у. Операци конд куы нæ æрцæуа, уæд чызгæн йӕ син зылын уӕндзӕн, йæ галиу къах фæцыбырдæр уыдзæн. Дзæбæхгæнæн мадзæлттæн, Америкæйы рæстæгмæ фæцæрынӕн, къæхты фӕдтӕ сисынӕн, индивидуалон хæйттæн æмткæй райсгæйæ бахъæудзæн 3 милуан æмæ 500 мин сомы. Саккаты бинонтæм уый бæрц æхца нæй. Мияйы стырдæр бæллиц у гимнастикæйы хи фæлварын. Ныртæккæ йын ис йе стырдæр хъуыды сæххæст кæныны фадат. Америкæйы сæ куыстæн дзуапп дæттынц. Чысыл сабийæн цардмæ фæндаг раттын у алкæй бон дæр.