Æгæрон гæнæнтæ
Цæгат Ирыстоны инклюзивон ахуырад парахат кæны ахуыргæнæндæтты. Сæрмагонд кълæстæ йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у уыдонæн сты пайда æхсæнады хи раргом кæнынæн. Ахуырадон кълæстæй уæлдай ма дзы фæзындзæн сфæлдыстадон къордтæ дæр. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы 14-æм скъолайы театралон студи ныридæгæн кусы цалдæр азы. Рæмонты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ сывæллæттæн актеры дæсныйады архайынц зæрдæргъæвдæй. Скъоладзаутæн фадат ис сæ курдиат раргом кæнынæн. Театралон къорды разамонæг Рæмонты Тамерлан: «Концертмæ цæттæ кæнгæйæ сывæллæттæ кæрæдзийæн æххуыс кæнынц. Цæстæй кæцы сывæллæттæ нæ уынынц уыдонæн сæ бон хибарæй сценæмæ рахизын нæ вæййы. Æмæ сæ инæ сывæллæттæ аххуыс кæнынц сценæйы астæуæй слæууынмæ, сæ микрофон сын раттынц æмæ афтæ дарддæр». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æгæрон гæнæнтæ
Категория:
Новости и СМИ