Абон бæрæг кæнынц хæдзарон цæрæгойты æппæтадæмон бон

Бузарты Аслан Кицуимæ базонгæ ис дыууæ азмæ. Дзæгъæл куыдзы тыххæй йын радзырдта йе мбал. Ссардта йæ Брутæй чысыл дарддæр. Йæ уавæр уыд уаззау. Тарст, къуылых, туджы фæдтимӕ. Уайтагъд æй аласта ветеринармæ. Уый фæстæ та йæ дæргъвæтин рæстæг дзæбæх кодтой. Кицу тарсти хъæлæбайæ, уайтагъд-иу райдыдта рæйын, лидзын. Уый тыххæй Аслан райдыдта йæ дрессировкæйыл кусын. Зонындзинæдтæ иста алыхуызон чингуытæй, арæх-иу афарста ветеринарты дæр. Æрæджы та ма Кицуйæн фæзынд хæлæрттæ. Асланæн ма балæвар кодтой ноджы иу куыдз. Фыццаг хатт æй йæ къухтæм куы райста, уæд ахæм фæлмæн æмæ пух уыд, æмæ йын уайтагъд æрхъуыды кодта фæсномыг. Ныр ветеринармæ æппынæдзух цæуы куыд Кицу, афтæ Пирожок дæр. Специалист надежда Шапранова йæ цыппӕркъахыг хæлæртты хорз зоны. Куыд зæгъы, афтæмæй уыдон алцыдæр æнкъарынц. Клиникæмæ ӕрбаласынц дзæгъæл куыйты дæр. Хъыгагæн, нæ республикæйы бирæ ахæм куыйтæ ис. Уыдонæн уæлдай тæссаг у алыхуызон низтæй фæрынчын уæвынæн. Фæлæ сæ сдзæбæх кæнæн ис. Фыццаджыдæр, зæгъы Надежда, хъæуы прививкæ скæнын. Уæвгæ, инфекцийæ тæссаг у хæдзары фосæн дæр. Проблемæ арæхдæр фæзыны фосы хицæутты тыххæй. Волонтёртæ дзæгъæл куыйты куы 'рбахæссынц, уæд уый стыр хъуыддаг у, зæгъы Надежда. Иннæ æнæмæнг хъӕугӕ хъуыддаг та сын у хæдзар, æмæ сæм чи зила, ахæм адæймаг. Фæлæ, хуымæтæг куыйты арæх нæ райсынц. Уымæ гæсгæ приют у дзаг. Уыдонæй стерилизацигонд æрцыдысты 600-мæ 'ввахс, фæстæмæ дæр дзы рауагътой уый бæрц. Дзырдæн, уыцы процедурæ дæр хуымæтæг нæу. Фыццаг уал куыйты æрцахсынц, уый фæстæ сæ арвитынц карантины блокмæ æмæ дарддæр та ветеринармæ. Æдæппæтæй питомникы ис 258 вольеры. Ис дзы хорз пъароды къæбылатæ дæр. Куыйтæ дарынæн ис æппæт хъæугæ уавæртæ дæр. Хæрын сын кæнынц сæрмагонд корм. Уæвгæ, хæринаг цæттæ кæнынц ам бынаты дæр. Кусынц ветеринартæ, фелшыртæ, санитартæ. Æрæджы та ма дзы сæвæрдтой ноджы егъаудæр вольертæ. Уырдæм сæ рауадзынц æртæ сахатмæ. Ам сæхицæн цыппӕркъахыг хæлæртты ссарынмæ æрбацæуынц æппæт районтæй дæр. Статистикæмæ гæсгæ, не 'мбæстæгты æртыккæгæм хай аппарынц сæ куыйты. Сæрмагонд компанийы иртæстытæм гæсгæ, уынгты ис 4 милуан дзæгъæг куыдзы бæрц. Æмæ, хъыгагæн, фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Фарста иуварс кæнын хъæуы федералон æмвæзадыл, зæгъынц специалисттæ. Дунейы бæстæты та, цыппӕркъахыгтæм æвзæр цæстæй чи кæсы, уыдонæн снысан кодтой ивар кæнæ та уголовон хъуыддаг.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
23 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии