Республикæйы сæргълæууæг ма бабæрæг кодта сфæлдыстадон лаборотори «Портал»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

Республикæйы сæргълæууæг ма бабæрæг кодта сфæлдыстадон лаборотори «Портал». Абон йæ дуæрттæ байгом кодта Дзæуджыхъæуы цæрджытæн æмæ республикæйы уазджытæн. Сарæзтой хиконд дзаумæтты равдыст. Хуыздæр æрмдæснытæ дзы равæрдтой сæ куыстытæ. Уæлæдарæс, ирон национ ахорæнтимæ, зæрингуырдты куыстытæ, сувениртæ. Иронау чи дзуры, ахæм хъазæнтæ. Уыди сæ балхæнæн дæр. Æрмдæснытæ дзуæппытæ лæвæрдтой æрбацæуджыты фæрстытæн. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын сфæлдыстадон армукъа фадат дæтты сæ продукциимæ адæмы базонгæ кæнынæн. Уазджытæ абон дæр уыдысты дзæвгар. Се*хсæн нæ уацхæссæг Къуымæлæгкаты Фатимæ дæр. Цымыдисагæй цы федта, уый тыххæй радзурдзæн йæхæдæг. Ивгъуыд азты зындзинæты, фидæнмæ фæндты æмæ абоны бонмæ цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд къухты, ууыл дзуры республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав «Портал»-ы архайджытимæ. Абон уый бацархайдта Æрмдæсныты равдыст «Хиконд»-ы. Сфæлдыстадон Лаборотри «Портал»-ы архайджыты руаджы армукъа арæзт вæййы алы æртæ мæйы. Ам сæ къухтæй конд дзаумæттæ равдисынц Ирыстоны курдиатджын фæсивæд. Битарты Вячеславы цымыдис кодтой сæ куысты сусæгдзинæдтæ. Ацы хатт армукъайы сæ куыстытæ равæрдтой 30 æрмдæсныйæ фылдæр. Равдыстой хъæдæй, цармæй æмæ æндæр алыхуызон æрмæджытæй конд дзаумæттæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм армукъатæ сын фадат дæттынц сæ продукциимæ адæмы базонгæ кæнын. Уыдон дæр сын аккаг аргъ скодтой. Æрмдæсныты куыстытæ уыди балхæнæн дæр. Мадзалы аразджыты ныхæстæм гæсгæ, фидæнмæ фæндæ дзæвгар ис. Сæ сæйрагдæртæй иу - армукъайæн сæрмагонд бæстыхай саразын. Ахæм курдиатимæ бахатыдысты Битарты Вячеславмæ. Уый ныфс бавæрдта, фарстамæ лæмбынæг æркæсын . Битарты Вячеслав фæсивæды куыстæй разыйæ баззад. Загъта Цæгат Ирыстоны бирæ курдиатджын фæсивæд ис æмæ сын æмбæлгæ уавæр саразын у хицауады хæс. Ууыл æнæмæнг кусдзысты. Къуымæлæгкаты Фатимæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикæйы сæргълæууæг ма бабæрæг кодта сфæлдыстадон лаборотори «Портал»

Категория:

Новости и СМИ