Битарты Вячеслав фембæлд Мичурины хъæуы цæрджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Битарты Вячеслав фембæлд Мичурины хъæуы цæрджытимæ. Æмбырд сарæзтой бынæттон культурæйы хæдзары. Хъæуы цæрджытæ нæ республикæйы сæргълæууæгмæ фæсидтысты цæмæй сæм культурæйы хæдзар сцалцæг кæнынмæ фæкæса. Битарты Вячеслав сын загъта бæстыхайы рацарæзт фидæны азы программæмæ кæй бахæсдзысты. Мичурины хъæуы цæрджытæ бахъаст кодтой доны аргъ бæрзонд кæй у, уый тыххæй. Иу кубометрæн бафидынц 140 сомы. Сæрмагонд службæтæн ацы хъуыддаг аиуварс кæнын бабар кодтой. Фембæлды рæстæг ма æрдзырдтой фæндæгты тыххæй. Республикон фæндаггон комитеты хæдзарады разамонæг Солиты Тариэль куыд загъта афтæмæй сæм ис проект 1 миллиард æмæ 200 милуан сомæн. Битарты Вячеслав сын зæрдæ бавæрдта проект федералон программæмæ баххæсынмæ сæм кæй фæкæсдзæн уымæй. Фембæлды ма куыд загътой афтæмæй хъæуы скъола сцалцæг кæндзысты. Афæдзы кæронмæ та дзы фæзындзæн ног рæвдауæндон. Иу лыггæнинаг фарста ма Мичурины æмæ Къостайы хъæуыты астæу светофор кæй нæй, уый. Афæдзы кæронмæ йæ сæвæрдзысты. Уымæй уæлдай Битарты Вячеслав фæсивæдæн зæрдæ бавæрдта хъæуы сын ног спортивон зал кæй сараздзæн, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав фембæлд Мичурины хъæуы цæрджытимæ

Категория:

Новости и СМИ