Нæртон бæгæны
Æмбал кæмæн нæй æмæ таурæгъты дзуринаг - ирон бæгæны. Не заманты Сатанæ цы нозт сфыхта, уый бирæ æнусты дисы æфтауы чи дзы саходы, уыдоны. Бирæ æнусты у Хуыцаумæ кувæн нозт æмæ ирон фынджы фидауц. Уымæ гæсгæ йе сфыцын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Хуыздæр бæгæныфыцæгæн та кæддæриддæр стыр аргъ кодтой. Ивгъуыд æнусты дæр ныр дæр. Фæстаг азты республикæйы, куыд фæстæдæр та фæсарæнты дæр апарахат фестиваль "Ирон бæгæны". Хъырымы, Турчы, Мæскуыйы, Самарæйы, Хъæрæсейы, Фанцийы, Голландийы Бельгийы æфсинтæ тох кæнынц хуыздæр бæгæныфыцæджы ном райсыныл. Абон та сæ арæхстдзинад равдыстой Горæтгæроны рæдаукъух æфсинтæ. Афтæ Горæтгæрон районы байгом кодтой Ирон бæгæныйы 5-æм æппæтадæмон фестивалы æвзарæн къæпхæн. Нæртон бæгæны хуыздæр фыцджыты раиртасын æнцон хъуыддаг нæу. Фæлæ ам æрæмбырд сты æцæгæйдæр Нарты Сатанайы фæдонтæ. Фестиваль "Ирон бæгæны" арæзт æрцыд 8-æм хатт. Фыццаг æртæ азы йæ арæзтой республикæйы. Уый фæстæ апарахат æмæ уыд Хъырым, Самарæ, Хъæрæсе æмæ æндæр горæтты. Фестивалы сæйраг аразджытæ сты бæгæныфыцæн компаниты къорд "Бавари" æмæ нæ республикæйы культурæйы министрад. Районы ерысты архайдтой 12 адæймаджы. Бæгыны фыцынæн дзы алкæмæндæр ис йæхи сусæгдзинæдтæ. Кæмæндæр уый баст у хойрæгты бæрцимæ, кæмæндæр та бæгæны фыцгæйæ иттæг хорз зæрдæйы ахастимæ. Фæлæ кæнынц иу куыст. Æмæ йæ аразынц зæрдæбынæй. Исты хæрзиуæг райсын бирæтæм ахсджиаг нæ кæсы. Сæйраг уый у - æнусты сæрты фыдæлты традицитæ дарддæр хæссын. Жюрийы уæнгты зæрдæмæ цæуы, азæй-азмæ æрыгон архайджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæй кæны, уый. Уыимæ сæ конд бæгæныйы ад дæр алы аз хуыздæр кæны. Фестивалмæ бацæттæ кодтой концертон программæ. Æрбахуыдтой йæм нæ республикæйы адæмон артисткæ Хъуысаты Эльвирæйы. Архайдтой дзы районы хъæуты сывæллæтты сфæлдыстадон къордтæ. Равдыстой рæсугъд номыртæ: кафджыты, зарджытæ æмæ доулийæ цагъдгæйæ. Сохъуырты Валерий та азарыд Лæгты Дзуары зарæг. Иууылдæр æм цымыдисæй хъуыстой. Уæлахиздзаутæ рабæрæг кæнын æнцон хъуыддаг нæ уыд. Фæлæ хуыздæрты `хсæн уæддæр разынд жюрийы æппæты хуыздæр кæй банымадтой, уыцы бæгæны. Фыццаг бынат бацахста Санибайы цæрæг Куырттаты Беллæ, дыккаг бынат Джызæлы цæрæг Коцойты Фатимæ, æртыккаг бынат райста Ногиры цæрæг Бураты Зинаидæ. Архайджытæн алкæмæндæр радтой дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уæлахиздзаутæн та скодтой æхцайы премитæ. Фествалы æртыккаг къæпхæн ацæудзæн Дзæуджыхъæуы 17 октябрмæ ввахс. Арæзт æрцæудзæн Ирон театры цур фæзы. Сæ тыхтæ фæлвардзысты нæ республикæйы районты уæлахиздзаутæ. Ахæм фестиваль ма ацы бонты арæзт æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны Цхинвалы боны фæлгæты. Аразджытæ уырны, ахæм мадзæлттæ фæсивæдæн хорз, пайдайаг, ахъаз æмæ дæнцæгæн хæссинаг кæй сты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Нæртон бæгæны
Категория:
Новости и СМИ