Персаты Арнеллæйæн хъæуы баххуыс кæнын
Персаты Арнеллæйыл афдз æмæ æрдæг цæуы. Ссардтой æм уæззау низ. Сабийы ныййарджытæ йæ æрæджы баззыдтой. Арнеллæйы хæцъæфтæ лæмæгъæй-лæмæгъдæр кæнынц, низ та тыхджынæй-тыхджындæр кæны. Фæлæ сабийæн ис баххуыс кæнын. Хос ын ссардтой Америчы, фæлæ йæ балхæныны фадат Арнеллæйы ныййарджытæн нæй. Персаты Анеллæйыл афæдз æмæ æрдæг цæуы. Йæ карæн сабитæ къахæй уайынц. Арнеллæйæн та йæ бон нæу. Мæй размæ йын дохтыртæ йæ низ сбæрæг кодтой. Йæ астæуыхъæды нуæрттæ хус кæнынц. Чызджы мад куыд зæгъы, афтæмæй йæ низ генетикон у. Рагацау ын æй кæй не сбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ алы минут дæр ахсджиаг у. «Йæ нуæрттæ хус кæнынц, йæ астæуы хъæд нызылын уыдзæн афтæ тынг æмæ йæ хуылфыдзаумæттæ хъыгдарын райдайдзæн. Йæ ахсæн, улæфт. Сабийæн бахъæудзæн йæ рæуджытæ медицинон вентиляци кæны, уый фæстæ йæ бон нал уыдзæн ныхъуырын. Иу дзырдæй сывæллон сабыргай лæмæгъ кæндзæн», - Персаты Арнеллæйы мад Баситы Дианæ. Арнеллæйæ æмбаргæ дæр нæма кæны, йæ цардыл ын иууылдæр тох кæй кæнынц, уый. Куыд алы сывæллон, уый дæр хъазы хæдзарон цæрæгойтимæ. Худы, архайы йæ кæстæр æфсымæрæн хорз хо уæвын. Арнеллæйы ныййарджыты стырдæр бæллиц у, цæмæй сæ хъæбул згъора æмæ кафынмæ арæхса. Фæлæ æнæ хистæрты æххуысæй сабийæн йæ къæхтыл слæууын йæ бон нæу, низ карз у. Æртæ азы размæ дæр ын хос нæма уыд. Фæлæ ныртæккæ Амерычы Иугонд Штатты æрымысыдысты ног хос. Процедурæ тынг зынаргъ у, 2 милуан доллæрæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма æхцайы фæрæзтæ хъæуынц низ хуыздæр раиртасын æмæ реабилитацийæн. «Уæрæсейы сæрмагонд хос фæнысан кодтой 2019 азы августы. Дзæбæх нæ кæны, æрмæстдæр ын пайда у низ фæрогдæр кæнынæн. Тынг зынаргъ у. 40 милуан сомы кæны. Спайда кæнын дзы хъæуы афæдзы дæргъы 6 хатты. Уый цæрæнбонты. Сабийæн æй наркозимæ кæнын хъæуы», - Арнеллæйы мад Баситы Дианæ. 2 милуан доллæры сомæйы 130 милуаны у. Хуымæтæг бинонтæ ахæм æхцатæ уынгæ нæ, фæлæ сыл хъуыды дæр никуы кодтой. Уыимæ ма, дæсгай милуантæ реабилитацийæн. Фæлæ дунейы зæрдæхæлар адæм бирæ цæры. Ныртæккæ бинонтæ сæмбырд кодтой 2 милуаны. Персаты Зауыр æмæ Дианæ сæ банчы хыгъды алы сомыл дæр цин кæнынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй хæстæгдæр кæнынц сæ чызджы амондджын цардмæ. «Нæ фарсмæ æрбаллæуыдысты артисттæ æмæ блогертæ. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ æххуыс кæны. Чи сæдæ сомы, чи цас. Суанг ма нын 5 сомы чи æрбарвыста, ахæм дæр разынд. Алкæмæн дæр стыр бузыныг зæгъæм. Адæмы æххуысæн стыр тых ис», - Арнеллæйы мад Баситы Дианæ. Ныртæккæ ацы æхцайы фæрæзтæ фаг не сты. Цæмæй Арнеллæйæн баххуыс кæнай, уый тыххæй æхцайы фæрæзтæ барвитæн ис сывæллоны ныййарæджы банчы хыгъдмæ. 2-æм июлы Арнеллæйæн йæ Гуырæн бон у. Дыууæ азы йыл æххæст кæны. Йæ бинонты стырдæр бæллиц йæ бæрæгбон ын сæрæгасæй иумæ сбæрæг кæнын у. Ныййарджыты фæнды сабийы кафын æмæ гимнастикæйыл сахуыр кæнын. Уæдæ разы сты йæ фарсмæ лæууын. Æрмæст сæ сабийы хъæлдзæг худт куыд, хъусой, афтæ. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Персаты Арнеллæйæн хъæуы баххуыс кæнын
Категория:
Новости и СМИ