22-æм июны 12 сахатыл æмæ 15 минутыл ацæудзæн «Минута молчания», зæгъгæ, акци
22-æм июны 12 сахатыл æмæ 15 минутыл ацæудзæн «Минута молчания», зæгъгæ, акци
22 июнь у хъыг æмæ мысæн бон. 1941-æм азы 22 июнь арф фæд ныууагъта Уæрæсейы азфысты. 81 азы размæ райсомы 4 сахатыл немыцаг фашисттæ æрбабырстой Советон Цæдисмæ æмæ райдыдтой, зæххыл цы фыддæр хæст æрцыд, уый. 4 азмæ тугкалæн цæхæры амæттаг баисты 27 милуан адæймаджы. 22-æм июны 12 сахатыл æмæ 15 минутыл сæ номыл ацæудзæн «Минута молчания», зæгъгæ, акци. Радио æмæ телеуынынад сæ куыст бауромдзысты. Мадзалы бацархайынмæ сидынц хуымæтæг цæрджытæм дæр.