Домаг цæстæй
Куйбышевы номыл уынджы æмæ Сабырдзинады проспекты тигъыл цы æнæзакъон арæзтад фæзынд, уый фæдыл прокуратурæ сарæзта слестгæнæн басгæрстытæ. Бæстыхай æннæххæстбарджын æхсæнад «Меркада»-йы бæрны ис. Раздæр сын Дзæуджыхъæуы администрацийы бар радтой сæрды `мгъуыдмæ уæлæмхасæн кафе уынджы саразынæн. Йæ фæзуат 100 квадратон метрæй фылдæр у. Фæлæ æннæхæстбардджын æхсæнадмæ нæй закъонмæ гæсгæ бардæттæг гæххæтытæ. Афтæ рауад æмæ хивæндæй зæхх бацахстой. Уый фæдыл, Ирыстоны районы прокуратурæ байгом кодта административон бархæлды фæдыл хъуыддаг. Бардзырд арвыстой Росреестры разамындмæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæрдармæ та сæрмагонд домæн, цæмæй йæхæдæг уавæрмæ æркæса æмæ арæзтадон куыстытæ баурома. Абоны онгмæ дзы кæй сарæзтой, уый та хъуамæ фехалой. Администрацийæ уыцы хъуыддагмæ рагацау йæ цæст чи не `рдардта, уыдонæй та дисциплинарон дзуапп бадомын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, уыцы хъуыддагмæ бæстонæй нæ уацхæсджытæ дæр кæй æркастысты. Къорд рæстæджы размæ уый фæдыл нæ æфиры уыдис сæрмагонд æрмæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Домаг цæстæй
Категория:
Новости и СМИ