Номарæн цырæгътæ ссыгътой абон Дзæуджыхъæуы дæр
Номарæн цырæгътæ ссыгътой абон Дзæуджыхъæуы дæр. Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны кæрты сарæзтой акци «Свеча памяти». Йæ аразджытæ сты республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ фæсивæдон парламенты уæнгтæ. Акцимæ æрбацыдысты дæсгай адæймæгтæ. Минут æдзæмæй алæугæйæ, æрымысыдысты хæсты амæттæгты. Стæй ссыгътой цырæгътæ æмæ скуывтой Хуыцаумæ, цæмæй ахæм тугкалæн цау макуы уал æрцæуа, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Номарæн цырæгътæ ссыгътой абон Дзæуджыхъæуы дæр
Категория:
Новости и СМИ