Бырон хицæнæй æмбырд кæныны системæ парахат кæны Цæгат Ирыстоны
Цæгат Ирыстоны дарддæр кусынц бырон хицæнæй æмбырдгæнæн системæйы райрæзыт. Уый тыххæй сæрмагонд контейнертæ æвæрынц Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгты æмæ кусæндæтты. Нырыккон евроконтейнер ныр ис Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы дæр. Хицæнæй дзы æмбырд кæнынц пластмассæ, гæххæт æмæ згъæр хауæццæгтæ. Ацы аз нацпроект «Экология»-ы фæлгæты республикæйы фæзындзæн мин ахæм контейнеры. Уыцы архайдмæ йæ цæст дардзæн федералон хицауад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv