Йæ аххосыл басаст
Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой 25-аздзыд сылгоймаджы. Азымджын æй кæнынц сыгъзæринæй конд зынаргъ дзаумæттæ адавынæй. Пъæлицæмæ йыл бахъаст кодта 90-аздзыд сылгоймаг, Дзæуджыхъæуы цæрæг. Куыд радзырдта, афтæмæй йын йæ фатерæй 90 мин сомы аргъ зынаргъ дзаумæттæ чидæр æрбасатар кодта. Слестгæнджытæ фæстæмæ нал фæкæсгæйæ рацахстой закъонхалæджы. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ йæм аджигул кодтой æмæ раиртæстой, азымджын æй чи кæны, ахæм хъуыддæгтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй фыццаг хатт нæ амырхта искæй исбон. Фыдгæнæг йæ аххосыл фæстæдæр басаст. Сызгъæрин дзаумæттæ фæстæмæ йæ хицауæн ратдзысты. Фæлæ давæг дæр йæхи сарæзта - искæй фатермæ кæй ныхылдта, уый тыххæй йыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Йæ аххосыл басаст
Категория:
Новости и СМИ