Рахизфарсы районы æфтиæгтæ 2021-æм аз уыдысты 1 миллиард сомы

Рахизфарсы районы æфтиæгтæ 2021-æм аз уыдысты 1 миллиард сомы. Уыцы фæрæзты 72% сты æнæфидгæ, лӕвар æфтиæгтæ. Хъалонты æмæ æнæхъалон æфтиæгтæ та сыстадысты 28%. Уый сбæрæг Цæгат Ирыстоны Парламенты советы æмбырды. Республикæйы контролон-нымайæн палатæйы аудитор Созæты Алан куыд радзырдта, афтæмæй 2022-æм азы æфтиæгтӕ сты чысыл фылдæр - 1 миллиард 730 милуан сомы. Уыдонæй 75% сты æнæфидгæ æфтиæгтæ, 25% - хъалонты æмæ æнæхъалон æфтиæгтæ. Уыцы дыууæ финансон азы Рахизфарсы район сæхгæдта профицитимæ, афтæмæй та æнхъæлмæ кастысты дефицитмæ. Созæты Алан ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æппæты фылдæр фæрæзтæ район хардз кæны ахуырадыл - хæрдзты 50%-æй фылдæр. Ахуыргæнджыты мыздтæ фæфылдæр кодтой, ныр сты республикæйы, иннæтимæ абаргæйæ, - рæстæмбис æмвæзадыл. Уыимæ культурæйы кусджытæ та исынц статистикæмæ гæсгæ астæуккаг бæрæггæнæнтæй къаддæр. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахсджиаг у рæвдз фæрæзтæ агурын, цæмæй Беслæн, стæй æгас Рахизфарсы район дæр къæпхæнгай рæза. Уыимæ ма хъæуы цæст дарын, бынæттон цæрджытæн ахсджиаг цы бæстыхæйттӕ сты, уыдоны арæзтадмæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 460 подписчиков
12+
11 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии