Бæрæгбæтты рæстæг уыдзæн сабыр æмæ æдас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 лет назад

Майы бæрæгбæтты рæстæг уынгты, фæзты æмæ фæлладуадзæн бынæтты рад хæсдзысты республикæйы мидхъуыддæгты министрады 4 мин фондз сæдæ кусæгæй фылдæр. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой терроризмы ныхмæ къамисы оперативон штабы æмбырды. Амыдта йæ Битарты Вячеслав. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 1-æм майы æмæ Уæлахизы боны нæ республикæйы арæзт æрцæудзæн 160 бæрæгбоны мадзалæй фылдæр. 1-æм майы уыдзæн демонстраци æмæ митинг Театралон фæзы. 8-æм майы адæм дидинджытæ сæвæрдзысты хæстон намысы цыртдзæвæнтыл. Ирон драмон театры цур фæзы та арæзт æрцæудзæн кадджын æмбырд. 9-æм майы Дзæуджыхъæуы Сæрибардзинады фæзыл уыдзæн æфсæддон парад. Сабырдзинады проспекты æмæ сæйраг парчы бæрæгбоны мадзæлттæ уыдзысты изæры 5 сахатмæ. Изæры 8 сахатыл та райдайдзæн бæрæгбоны стыр концерт. Уымæй уæлдай ма Уæлахизы бон нæ республикæйы æппæт районты дæр цæудзæн акци «Æнæмæлгæ полк». Бæрæгбæтты рæстæг мидхъуыддæгты министрады æппæт хайæдтæ дæр уæлдай къæрцхъус уыдзысты. Сæ сæйраг хæс у терроризм æмæ экстремистон цаутæ ма руадзын. Æмбырды ма æрныхас кодтой æндæр фарстатыл дæр. Архайджытæ дзырдтой, терроризмы ныхмæ къамисы протоколы уынаффæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, стæй, артаг æмæ энергетикæйы комплекстæ фыдгæнджытæй куыд хъахъхъæд сты, ууыл. Æркастысты ма, Рахизфарсы æмæ Мæздæджы бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ терроризмы профилактикæйæн цавæр куыст кæнынц, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Бæрæгбæтты рæстæг уыдзæн сабыр æмæ æдас

Категория:

Новости и СМИ