Республикæйы Парламенты æмбырд сарæзтой Алагиры районы

Алагиры районы хъæууон хæдзарады 20 кусæгæй фылдæр райстой паддзахадон æххуыс. Уый æруаджы сарæзтой 25 куысты бынаты. Ацы аз та ма фæуыдзысты ноджы фылдæр. Уый тыххæй Парламенты рацæугæ æмбырды фехъусын кодта муниципалитеты сæргълæууæг Дзантиаты Ислам. Куыд радзырдта, афтæмæй район æнтыстджынæй рæзы. Арæзт дзы цæуынц куыд республикон, афтæ национ проекттæ дæр. Сног дзы кодтой донддæттæн æмæ донуадзæн хæтæлтæ. Социалон службæтæ дæр дзы куыд æмбæлы, афтæ кусынц. Ивгъуыд аз цæрджытæн сæххæст кодтой 180 лæггады. Уыдоны æхсæн - сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуыс. Æмбырды ма ныхас цыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстатыл дæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй Зынцъар, Нар æмæ Уæллаг Бирæгъзæнджы хъæуы саразын, кæнæ та бындуронæй сцалцæг кæнын фелсырон-акушерон пункттæ. Амбулаторитæ цух сты Суадаг, Мызур æмæ Майрæмадаг. Районы 5 пункты хъæуы культурæйы хæдзæрттæ сцалцæг кæнын. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз бабар кодта дзуаппдæттæг министрадтæ æмæ комитеттæн иумæйагæй бакусын уыцы фарстатæ алыг кæныныл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
12 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии