Цæгат Ирыстоны скъоладзауты `хсæн ацыд æфсæддон патриотон хъазт «Сталинград»
77 азмæ ахицæн Сталинграды тох. Дунеон историйы нымад у æппæты тугкалгæйыл. Стыр ахадындзинад ын уыд Дыккаг дунеон хæсты. Знæгтæ ацы тохы фæстæ бахъуыд фæстæдæр алæууын. Ацы боны фæдыл республикæйы ацыд патриотон хъазт «Сталинград». Æрыгон армионтæ æмæ скъоладзаутæ сæхи банкъардтой тохы архайджытæй. Цæлхдуртимæ фæндаг, бæндæн ивазын, пневматикон хæцæнгарзæй æхсын, суанг ма фыццаг медицинон æххуыс бакæнын. Æрыгон армионаты змæлды архайджытæ Дзæуджыхъæуы скъолайы ахуырдзаутимæ фæцайдагъ сты Советон салдаты æууæлтыл. Сталинграды тохы уæлахизæн Дыккаг дунеон хæсты стыр ахадындзинад уыд. Уый историйы нымад у æппæтты тугкалгæ тохыл. Уымæ гæсгæ æдзард хъæбатырты ном æрымысынмæ бирæ адæм æрбацыд. Уæлахизы охыл йæ цард чи радта, уыдоны цыртдзæвæнтыл сæвæрдтой дидинджытæ. Хайады фæзыл сарæзтой хæстон техникæты равдыст, æппæт техникæ дæр ис æфсæддон штаты хайы. Инструктортæ æхсджытæн æмæ архайджытæн равдыстой, хæсты рæстæг салдæттæ цы хæцæнгæрзтæй хæцыдысты, уыдон. Адæмæй дзы къахбавæрæн нæ уыд. Мадзал аразджытæ сты -58 æфсады разамынды уæнгтæ. Ахæм хъæзтытæ аразынц æрвылаз. Алкæддæр дзы бацархайы бирæ адæм. Уый ты уымæн æмæ адæм ма рох кæной йæ цард сæрибары сæрвæлтау чи радта, уыдоны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны скъоладзауты `хсæн ацыд æфсæддон патриотон хъазт «Сталинград»
Категория:
Новости и СМИ