Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой физкультурæйы кусæджы бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы Терчы былгæрæтты абон горæты цæрджытæн бацайдагъ алыхуызон спортивон ерыстæй тезгъо. Ахæм хуызы бæрæг кодтой физкультурæйы кусæджы бон. Уынгтæм ракалдысты стырæй-чысылæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй. Адæмы `хсæн фенæн уыдис зындгонд спортсменты дæр. Суанг ма бæрæгбонмæ Олимпаг чемпионтæ æмæ дунеон ерысты уæлахиздзаутæ дæр фæзындысты. Нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæйы цæст дæр сыл æрхæцыд æмæ сæ хынцфæрстытæ акодта. Цы йын радзырдтой, уый тыххæй та уын йæхæдæг зæгъдзæн. Байхъусæм ма йæм! Алыхуызæн фæлтæрæнтæ, æнæниздзинадæн ахъаз чи у, ахæм хæслæвæрдтæ. Абон Терчы былгæрон уыдис æцæг бæрæгбон, æнæниз цардыуагыл æнувыд чи у, уыдонæн. Сарæзтой йæ спорт æмæ физкультурæйы министрад Дзæуджыхъæуы администрациимæ. Ног цалцæггонд спортивон фæзмæ æрбамбырд сты физкультурæйы ахуыргæнджытæ, тренертæ, скъоладзаутæ, нæ республикæйы спорты алы хуызтæй уæлахидзаутæ. Йæ бæрзæндтæм ын чи схызт, уыдоны схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæ æмæ майдантæй. Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæдон политикæ, физкультурæ æмæ спорты комитеты сæрдар Баситы Марат: «Раст зæгъгæйæ, ахæм акцитæ ныртæккæ фæсивæдæн тынг ахсджиаг сты. Уымæн æмæ спорт нæ царды сæрмагонд бынат ахсы. Махæн та нæ хæс у хъæугæ мадзæлттæ аразын, стæй сæ адæмы рæгъмæ хæссын». Мадзал чи амыдта, уый хъæлæсмæ æрбагуылф кодтой дуне фæсивæд. Æмæ нæ фæрæдыдысты. Спортивон фæзыл - дыууæ æрыгон лæппуйы. Уыдон сты нæ республикæйы зындгонддæр спорстментæ, олимпаг чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Рæмонаты Сослан æмæ дунеон чемпион Цæболты Хетик. Уазджытæн сарæзтой, физикон æгъдауæй сын пайда чи уыдзæн, ахæм фæлтæрæнтæ, раргом сын кодтой уæгъдибар хъæбысхæсты сусæгдзинæдтæ. Суанг райсомы 10 сахатæй сихормæ Терчы былгæрон цы спортивон фæз ис, уым цыдысты алыхуызон спортивон ерыстæ мини-футболæй, стритболæй, волейболæй, шашкæтæй, бадминтонæй, воркаутæй, кросс-фитæй. Уымæй уæлдай нæ горæты скъолаты ахуырдзаутæ сæ тыхтæ бавзæрстой хъæлдзæг фæлтæрæнты. Нæ горæты цæрджыты ныхæстæм гæсгæ ахæм мадзæлттæ ахъаз сты адæймагæн. Иуæй се `нæниздзинад фидар кæны. Иннæмæй та æхсидынц сæ уды хуыздæр миниуджытæ. Уæдæ ма цы уыдзæн, сывæллæттæ спортмæ куы цыбæл кæной, уæд уымæй хуыздæр исты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой физкультурæйы кусæджы бон

Категория:

Новости и СМИ