58-æм æфсады службæгæнджытæ Даскъофы дарддæр агурæн куыстытæ кæнынц
58-æм æфсады службæгæнджытæ Даскъофы дарддæр агурæн куыстытæ кæнынц. Сæрмагонд акцийы фæлгæты «Номарæн вахтæ» æфсæддонтæ агурынц фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уым цы тугкалæн тох уыд, уый амæттæгты. Ахæм сгарæн куыст фыццах хат арæзт нæу. Куыстытæ райдыдтой 15 майы. Уæдмæ дзы бацархайдто 90 адæймагæй фылдæр. Куыст æнцон нæу, зæгъынц сгарджытæ. Ныр хъуамæ иу æфсæддон хайады раивдзæн иннæ. Уыцы къорд дадарддæр агурæн куыст кæндзæн. "Номарæн вахтæ" аххæсдзæн сентябры онг. Зæгъуын хъæуы уый, æмæ куысты бынæттæ дæр хуымæтæджы æвзæрст не`рцыдысты. Къобесты Маринæ, Дашкъофы скъолайы директор: «Ацы бынат сæрмагондыл нымад у. Бæлвырдæй агурæн куыстытæ кæм хъæуы саразын, уый бацамыдтой хъæуы хистæртæ. Уыдон сæхæдæг, сæхи цæстытæй, федтой тугхалæн цаутæ. Хорз бахъуыды кодтой кæм æмæ цы`рцыд, уый. Алексей Малинин, 58-æм æфсады радио æмæ спуниковый бригады ротæйы командæгæнæг: «Сардтам иу адæймаджы стæгдартæ. Ныр æй ратдзыстæм цæмæй сæрмагонд иртæстытæ ацæуа. Уæд сбæрæг кæндзысты йæ ном, чи уыд, уый базондзыстæм. Уымæй уæлдай ма, ссардтам сармадзан, нæмгуытæ æмæ æфсæддонты гæрзтæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
58-æм æфсады службæгæнджытæ Даскъофы дарддæр агурæн куыстытæ кæнынц
Категория:
Новости и СМИ