Цæгат Ирыстон баиу ис харти «Цифровая этика детства»-имæ
Цæгат Ирыстон баиу ис харти «Цифровая этика детства»-имæ. Йæ фæлгæты кусдзысты интернет æдас æмæ æнцонвадат скæныныл. Сæрмагонд бадзырд бафыстой ахуырадон, фæсивæдон организацитæ, дзыллон-информацион фæрæзты минæвæрттæ, ныййарджыты æхсæнад, хицауады æххæстгæнæг уæнгтæ æмæ сывæллæтты фарстаты фæдыл æххæстбарджын минæвар регионы. Цæст дарын хъæуы æпæрццæг контентмæ. Зонадон архайд та парахат кæнын. Фарон егъау уæрæсейаг социалон хызæгтæ, видеохостингтæ æмæ сгæрстыты сайтты хицæуттæ лæмбынæгдæр кæсын райдыдтой æнæзакъон æрмæджытæм. Æрæхгæдтой сывæллæтты раст хъомыладæн зиан чи хæссы, ахæм хъусынгæнинæгтæм бацæуыны бар. Куыстуæттæ ацы хъуыддагыл æмбæлгæ уагыл бакусынæн сараздзысты техникон мадзæлттæ. Сыæллæтты технопарк «Кванториум» ныридæгæн кусы интернеты æнцонвадат æхсæнад саразыныл. Цæттæ кæнынц тематикон мадзæлттæ æмæ æркастытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv