Сывæллæты цинæн
Нæ къухы сабыргай æфты цæмæ бæллыдыстæм, уый дæр ма. Фæлæ цыдæр ныддæргъвæтин ис. Дзырддаг у Дзæуджыхæуы планетарий. Йе сног кæныны проектмæ, къухтæ бафистæг кæнгæйæ, бавнæлдтой мæскуыйаг специалисттæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй арæзтадон куыстытæ райдайыны агъоммæ стыр куыст бакодтой æмбæлгæ гæххæттытæ æрымбырд кæнынæн. Уыимæ, ныртæккæ агурынц спонсорты æххуыс. Аразджыты хъуыдымæ гæсгæ, Ирыстоны цæрджытæн Планетарий йæ дуæрттæ хъуамæ байгом кодтаид космонавтикæйы бон, фæлæ сæ фæндтæ къухы нæ бафтыдысты. Объекты ма хъæуы уæлæмхасæн куыстытæ кæнын. Планетарий – историон объектыл нымад кæй у, уый аразджыты уæлдай бæрнондæр кæны. Хъуамæ йын йæ хæдбындур къултæ ма бахъыгдарой. Планетарий баст уыдзæн, йæ разы ма йын цы бæстыхай аразынц, уыимæ дæр – Космонавтикæйы скъолаимæ. Ныридæгæн балхæдтой телескоптæ. Сæйраг специалист Комайты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй Планерийæн цы проект скодтой, ахæм æгас Уæрæсейы дæр не`ссардзынæ. С.А. Лавочкины номыл наукон-кондадон иугонды сæйраг специалист Комайты Руслан: «Нæ сæргълæууæгимæ нæ фæндыди ам ныййарджытæн æмæ сывæллæтæн улæфыны бынат скæнын. Цæмæй сæ бон уа изæры Терчы был абадын. Стъалытæм бакæсын. Планетарийы мидæгæй уыдзæн купол арæзт. Япойнаг проекторта æвдисдзысты арв æмæ стъалытæ. Æрбаластдзысты «Союз»-ы макет. Абон нæ космонавттæ кæцыйыл кусынц. Уыдзæн космосы цы креслотæ уыди, уыдон фенæн». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сывæллæты цинæн
Категория:
Новости и СМИ