Руслан Ращепкин фæмард Сæрмагонд æфсæддон операцийы
Марта Ращепкинайы ныр дæр нæма уырны йæ сæры хицау кæй нал ис, уый. Æппынæдзух кæсы сæ иумæйаг къамтæм. Хæдзары къуымты йæ агуры, ам алы дзаумайыл дæр йæ къухы фæд ис. Раст цымæ ныртæккæ ногæй хæдзары къæсæрæй æрбахиздзæн, афтæ. Æнæ фыдæй баззадысты фондз сывæллоны. Æппæты кæстæрыл 3 мæйы дæр нæ цыд, сæ уарзон фыд Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ куы ацыд, уæд. Бинонтæ Русланы бæргæ нæ уагътой, фæлæ сын нылæууын не сразы. Æгъдауыл хæст, рæстдзинад уарзаг æмæ хæларзæрдæ. Уыцы миниуджыты тыххæй уыд уарзон йæ алыварс цы адæм уыд, уыдонæн. Искæйы рис чи æмбæрста, кæддæриддæр цæттæ уыд баххуыс кæнынмæ. Фæзминаг, хиуыл хæст, алы хъуыддаджы дæр бæрнон æмæ æцæг патриот. Фидарæй йæ зыдта Фыдыбæстæ хъахъхъæнын йæ сæйраг хæс кæй у, уый. Руслан службæ куы фæци, уæд сфæнд кодта йæ цард æфсæддон хъуыддагимæ сбæттын. Уыд сæрмагонд нысанимæ æфсæдты рæнхъыты. Уæрæсейы интерестæ Украинæйы хъахъхъæдта 2014-æм азы дæр. 2022-æм азы февралы æрвыст æрцыд хуымæтæг командировкæмæ. Йæ балц афтæ ныддæргъвæтин уыдзæн, уый æнхъæл чи уыд, уæд? Тохы быдыры цауты тыххæй йæ бинонтæн никуы дзырдта. Нæ йæ фæндыд, цæмæй сæ зæрдæтæ 'хсайой. Телефонæй дзургæйæ, уыд хъæлдзæг, фидæнмæ нысæнттæ æвæрдта. Архайдта уæззау ныхмæлæудты. Ныппырх кодта знаджы дæсгай дронтæ. Йæ сывæллæттимæ уыд карз фæлæ рæстаг. Йæ бинойнаг æмæ ныййарджытæн ныфс. Цыдис ыл æрмæст 30 азы. Руслан Ращепкин фæмард радон сæрмагонд хæс æххæст кæнгæйæ. Хорзæхгонд æрцыд "Лæгдзинады орден" æмæ "Хъæбатырдзинады тыххæй" майданæй йæ амæлæты фæстæ. Руслан куы нал ис, уæдæй рацыд афæдзы æрдæг. Фæлæ бинонты рис нæмæ фæкъаддæр. Фидæнмæ йæм бирæ фæндтæ уыд. Йе стырдæр бæллиц - хæдзар саразын. Йæ фыртты уыдта Ирыстонæн фæзминаг кæстæртæй æмæ сын бантысæд. Сæ фыды ном æмæ кад царды хæссæнт.