Арвмæ фæндаг
Нæ республикæйы арæзт æрцыдысты къæдзæхмæ бырынæй Уæрæсейы чемпионат. Сæ арæхстдзинад равдисынмæ Ирыстонмæ `ссыдысты æппæт Цæгат Кавказы æмæ паддзахады алы регионты минæвæрттæ. Маршруттæ сты 30. Æппæты даргъдæр дзы - 380 метры. Мадзал аразджытæ сты Уæрæсейы спорты министрад, нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты министрад, Уæрæсейы æмæ нæ республикæйы альпинизмы федерацитæ. Бæлвырддæр хабæрттæ - нæ уацхæссæг Брытъиаты Феликсмæ. Æртыккаг бон Бæлтамæ хæстæг æмбырдтæ кæнынц альпинисттæ. Ам ныр цалдæр боны цæуы Уæрæсейы чемпионат. Сæ арæхстдзинад равдисынмæ Ирыстонмæ `ссыдысты æппæт бæстæйы хуыздæр спортсментæ. Сæ дæсныйадæн сын аргъ кодтой эксперттæ. Айнæгыл хизынæй ерысты рæстæг ахсджиаг у дыууæ спортсмены æмгуыстад. Баст вæййынц бæндæнтæй æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ хизынц хæрдмæ. Тыхтæ раст хардзгæнгæйæ рæдийæн нæй. Ам уæвын хъæуы къæрцхъус. Ерысты сæйраг хæслæвæрд, хæслæвæрд иннæтæй тагъддæр сæххæст кæнын. Дæсгай спортсментæ сæ тыхтæ бавзардзысты дыууæ хуызæй. Ис сын сæхи домæнтæ. Айнæджы бæрзæнд у сæдæгай метры. Сылгоймæгтæ нæлгоймæгтæй фæсте нæ баззадысты. Хорз сын æнтысы. Сæ ныфс, хъару æмæ æрхъуыдыдзинад бирæйы аргъ у æмæ дисы æфтауы. Тæрсгæ æппындæр ницæмæй кæнынц. Сæ иу Ирина Бакалейникова - фæлтæрдджын архайæг. Хонынц æй æндон зæд. Йæ ныхæстæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны хæхтæн ис сæхи миниуджытæ. Маршруттæ сты 30, сæ дæргъ - 100 метрæй 350 метры онг. Аразджытæ сын рагагъоммæ се схизæнтæ `ссыгъдæг кодтой. 200 метры æмвæзадыл альпинисткæтыл цæст зынтæй хæцы. Сындæггай, фæлæ фидарæй сæ фæндаг уæлæмæ кæнынц. Сæ алы къахдзæф дæр барынц, афтæмæй. Къæдзæхмæ бырыны спорт хуымæтæджы хуыз нæу. Ахуыр кæны адæймаджы фæразондзинадыл, стæй йын æргом кæны йæ алыхуызон миниуджытæ. Спортсментæ куыд зæгъынц, афтæмæй Цæгат Ирыстоны хæхтæ уыцы хъуыддагæн сты аккаг. Нæ хæхтæ нын фæлвардзысты 13 маймæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Арвмæ фæндаг
Категория:
Новости и СМИ