Луары хъæуы цалцæг кæнынц Къадзаты мыггаджы мæсыг
Луары хъæуы цалцæг кæнынц Къадзаты мæсыг. «СКИФОС-РСК» компани куыстытæ райдыдта августы. Рацарæзтмæ лæмбынæг кæсы компанийы директоры хæдивæг Байсогъуырты Мухтар. Специалисттæ куыстыты мадзæлтты пълан сфидар кодтой хъæуæй рацæугæ цæрджытимæ. Ныридæгæн фембæлдысты дыккаг хатт. Мартъийы хъæуæй рацæугæ мыггæгтæ республикæйы Национ музейы проекты фарс рахæцыдысты. «СКИФОС-РСК»-йы минæвæрттæн арфæ ракодтой, хъумæ рæстæгмæ бацæуæн сæхи хардзæй кæй сарæзтой, уый фæдыл. Реставратортæ куыстытæ фæуыдзысты 2022-æм азы 1 ноябрмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv