Чи тагъддæр?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы доны станцæйы уыдысты æппæтуарæсеон дугъгæнджыты ерыстæ «Кросс нации». Фæсивæд дугъ кодтой 500 æмæ ИУ МИН метры дистанцæтыл. Ерысты архайджытæ уыдысты 5-æмæй-11-æм къласы скъоладзаутæ, æдæппæтæй 500 адæймаджы бæрц. Акци аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм мадзæлттæ æнæниз царды уаг парахат кæнынц. Ерыстæ сарæзта физкультурæ æмæ спорты министрад. Сæ ныхæстæм гæсгæ иннæ азтимæ абаргæйæ, дугъгæнджытæ уыдысты дзæвгар фылдæр. Уымæ гæсгæ сын акци аразджыты бахъуыд уæлæмхасæн фадæттæ саразын. Ацы хатт ерысты фылдæр фæсивæд архайдтой. Фидæны та фæнд кæнынц æппæтуæрæсеон акцийы географи фæуæрæхдæр кæнын, стæй дзы алы кары адæм куыд архайой, ууыл бакусын. Дзæуджыхъæуы ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кодтой зæрдылдарæн кубоктæй, майдантæй æмæ кады гæххæттытæй. Уæ зæрдыл уын æй æрлæууын кæндзыстæм ерыстæ «Кросс нации» Уæрæсейы 2004-æм азæй нырмæ арæзт цæуынцСæ сæйраг нысан у нæ бæстæйы цæрджытæн спорты хуызтæ бауарзын кæнын, æнæниз царды уаг парахат кæнын æмæ сæ спортæй архайынмæ разæнгард кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Чи тагъддæр?

Категория:

Новости и СМИ