Годжыцаты Тамерлан медицинон уагдæтты сæйраг дохтыртæн бахæс кодта бæстондæр МРТ æркæсын
Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан медицинон уагдæтты сæйраг дохтыртæн бахæс кодта бæстондæр МРТ-диагностикæмæ æркæсын. Растдæр зæгъгæйæ кæмæн, æмæ йæ цы хуызы скæнын хъæуы уыцы уагæвæрдмæ. Министры ныхæстæм гæсгæ МРТ-иртæстытæн хъæуы дохтыры раст хатдзæгтæ. Æнæниздзинад сбæрæг кæнын МРТ-йы фæрцы цæрджытæн у лæвар. Уый тыххæй медицинон кусæндæттæн байуæрстой квотæтæ. Годжыцаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ хи къухты чи ис æмæ паддзахадон МРТ-системæтæй республикæ у æххæстгонд. Хæстæгдæр рæстæг иу ног МРТ-аппарат фæзындзæн онкологон службæйы дæр. Дзуапп дæтдзæн æппæт нырыккон домæнтæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Годжыцаты Тамерлан медицинон уагдæтты сæйраг дохтыртæн бахæс кодта бæстондæр МРТ æркæсын
Категория:
Новости и СМИ