Цæгат Кавказы туризм
Æндæр хабæртты тыххæй. Фæлладуадзæн курорт Цъæй ацы æмæ иннæ азты кусынмæ у цæттæ. Уый тыххæй нæ республикæйы сæргълæууæг фехъусын кодта Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Олег БелАвенцевæн. Уый регионты разамонджытимæ æрныхас кодта сæрмагонд æмбырды. Дзырдтой дзы Цæгат Кавказы туризмы рæзты федералон программæйыл. 2025-æм азы онг ацы къабазы регион хъуамæ суа раззагдæртæй иу. Битарты Вячеслав дзы куыд радзырдта, афтæмæй Цъæйы фæлладуадзæн объекттæ базæронд сты, фæлæ йæм уæддæр бирæ туристтæ цæуы. Курорты хуыздæр уавæртæ куы уаид, уæд дзы сæ фæллад уадзиккой фылдæрæй. Афæдзмæ уал суазæг кæны 7 мин адæймаджы бæрц. Ам ис 7 уазæгуаты 360 адæймагæн æмæ иу спортивон лагерь 70 адæймагæн. Дыууæ канатон фæндагæй иу саст у. Уый къуылымпы кæны курорты куыст. Фæхуыздæр кæнинаг у комы инфраструктурæ дæр. Олег Белавенцев бафаудта, Цæгат Ирыстоны "Мамысон"-ы арæзтад кæй æрлæууыд, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, проектыл куыст сног уыдзæн 2025-æм азы. Битарты Вячеслав ын куыд радзырдта, афтæмæй уыцы программæйыл абоны онг хардзгонд æрцыди 2 миллиард сомæй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цæгат Кавказы туризм
Категория:
Новости и СМИ