Контролон-уадзæн пункт "Уæллаг Ларс" кусы æрвылбоны фæткмæ гæсгæ
Контролон-уадзæн пункт Уæллаг Ларс кусы æрвылбоны фæткмæ гæсгæ. Фæндаг гом у транспорты æппæт хуызтæн дæр. Уадзæн пункт уыд æхгæд Гуырдзыстоны 'рдыгæй зæй кæй рацыд, уый аххосæй. Фæндаг æдасдзинады домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта. Ныртæккæ уавæр сабыр у. Хæдтулгæтæ æнæкъуылымпыйæ хизынц арæны сæрты, рады лæууын сæ нæ хъæуы.