Цæгат Ирыстоны цæуынц гом ерыстæ фехтованийæ
Дзæуджыхъæуы цæуынц республикон гом ерыстæ фехтованийæ. Турниры архайынц кадеттæ, се 'хсæн 2007 азы гуырд спортсментæ æмæ уыдонæй кæстæртæ. Хуыздæр суæвыныл фæсивæд архайдзысты дыууæ боны. Лæппутæ æмæ чызджытæ сæ арæхстдзинад æвдисынц шпагæйæ æмæ рапирæйæ. Æдæппæтæй 70 адæймаджы Дзæуджыхъæу, Æрыдон æмæ Налцыккæй. Ацы ерыстæ сты Уæрæсейы чемпионатмæ æвзарæн къæпхæн. Ацæудзæн горæт Орелы иннæ къуыри.