Спортивон хъæбысхæстæй æппæтадæмон ерыстæм цæттæгæнæн мадзæлттыл ныхас цыд кусæг æмбырды
Спортивон хъæбысхæстæй æппæтадæмон ерыстæм цæттæгæнæн мадзæлттыл ныхас цыд кусæг æмбырды
Цæгат Ирыстоны ацæудзысты спортивон хъæбысхæстæй æппæтадæмон ерыстæ "Æмхæларады кубок – Поддубныйы хъæбысæйхæцджыты лигæ". Цæттæгæнæн мадзæлттыл ныхас цыд кусæг æмбырды, амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Турнир цæудзæн 27-æй 29-æм июлы онг Дзæуджыхъæуы спортивон комплекс "Манеж"-ы . Архайдзысты дзы дунейы 16 бæстæйæ 200-йы бæрц тыхджындæр спортсмены уæгъдибар, грекъаг-ромаг æмæ сылгоймæгты хъæбысхæстæй. Дзанайты Барис дзуапдæттæг ведомствотæн бабар кодта ерстæ саразынæн æппæт хъæугæ æххуыс бакæнын. Мадзал ацæудзæн дыууæ къæпхæнæй. 27-28 июлы уал спорты галуан "Манеж"-ы уыдзæн уæгъдибар хъæбысхæстæй турнир 10 уæзы категорийы, уыдонæй алкæцыйы дæр 16 архайæджы. 29 июлы та — дунейы хуыздæр хъæбысæйхæцджыты 17 тохы. Ерысты сæйраг архайджытæ — уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпаг чемпионтæ Абдулрашид Садулаев æмæ Сидахъаты Зауырбег.