Фидæн ис?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны рагондæр рауагъдадтæй иу - "Ир" - ацы аз бæрæг кæны йæ 95 азы юбилей. Мингай чингуытæ, сæдæгай автортæ - рауагъдады истори дисы `фтауы. Фæлæ уал азмæ рауагъдады лыггæнинаг фарстатæ дæр бабирæ сты. Зæгъæм, ныр 5 мæйы кусджытæ мызд нæма райстой. Скълады та бирæ азты лæууынц чингуытæ. Сæ иумæйаг аргъ - цалдæр милуаны. Куыд ис ахæм зындзинæдты сæрты ахизæн æмæ цавæр фидæн æнхъæлмæ кæсы рауагъдадмæ? Не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ бацархайдтой дзуапп ссарыныл æмæ сæм бакæсæм. Куыстмæ, куыд æмбæлы, афтæ - райсомы 9 сахатмæ. Цыфæнды куы рцæуа, уæддæр. Кæд æмæ Цæгæраты Аллæ афæдзы æрдæг мызд нæ райста, уæддæр ын уый куыстæ ма рацæуынæн æфсон нæу. Йæ ныхæстæм гæсгæ, чингуытимæ куыстæн уæлдай ахадындзинад ис. Уыцы бæрн йе мкусджытæ дæр - 25 адæймаджы - иууылдæр æмбарынц. Ахæм дæргъвæтин рæстæгмæ рауагъдад «Ир»-ы мызд кæй нæ фидынц, уый ног диссаг у. Æхцаимæ зындзинæдтæ дзы рагæй æййæфтой. Фæлæ бынтон афтæ фыццаг хатт рауад. Зын уавæрæй ссæрибар уæвæн куыд ис, уый у ног разамонæджы хæс. Таутиаты Хъазыбеджы директорæй куыд сæвæрдтой, ууыл мæй дæр нæма цæуы. Куыд зæгъы, афтæмæй иу æндахыл рахæцын йедтæмæ нæ бахъуыд, цæмæй ма дзы истытæ разына. Фæрæзтæ сын кæй нæ фаг кæны, уый уавæры фæстиуæг у. Йæ уидаг та æндæр ран ис. Таутиаты Хъазыбег, рауагъдад «Ир»-ы директор: «Руагъдадæй хæс дарынц кæцыдæр министрадтæ дæр. Мидæггаг разамынды хыгъдтæм дæр æркæсын хъæуы, стæй ма бирæ æндæр фарстатæм. Уыцы хабæрттыл се ппæтыл дæр ныртæккæ кусæм, бабиног кæндзыстæм лыггæнинаг фарстатæ. Нæ зæрдæ дарæм ууыл, æмæ тагъд рæстæджы уавæр кæй фæхуыздæр уыдзæн». ЗКТ Зæгъын хъæуы уый, æмæ ам аргъауы цардмæ ничи æнхъæлмæ кæсы. Се ппæт дæр æй æмбарынц, æнцон кæй нæ уыдзæн, уый. Фæсивæд рауагъдадмæ кусынмæ нæ цæуынц. Уый сæм бæллицагæй нæ кæсы. Уæдæ чингуытæ дæр адæмы хсæн раздæрау кадджын нал сты. Куыстуаты директор нæ сусæг кæны, рауагъдад цы литературæ мыхуыр кæны, ууыл æлхæнджытæ æнувыд кæй не сты. Профилон комитеты куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй рауагъдад «Ир» у паддзахадон унитарон куыстуат. Ома, æрмæст йæ бон нæ, фæлæ æнæмæнгæй хъуамæ кæна коммерцион куыст дæр. Мыздтæ уромынц уый тыххæй, æмæ сæ уагъд чингуытæ кæй нæ уæй кæнынц. Паддзахад куыстуатæн фиды, социалон æгъдауæй ахсджиаг литературæ уадзыны хардзтæ. Ахæм чингуыты номхыгъд æрвылаз фидаргонд æрцæуы. Иннæ æхца рауагъдад йæхæдæг хъуамæ бакуса. Æмæ ацы ран хъуыддаг фæсыкк вæййы. Уый нæ, фæлæ ма сæ чингуытæ кæм ауæй кæной, ахæм бынат дæр нæй. Сæ бахизæнтæ дуканиты тæрхæджытæй уæлдай нал сты. Хи дукани байгом кæнын сæ къух н` амоны. Комитеты дызæрдыг нæ кæнынц, рауагъдады ног разамонæгæн куыст рацаразын кæй бантысдзæн æмæ сæ фидæн кæй фæхуыздæр уыдзæн. Æмбарынц æй, сæ архайдмæ сæ æндæр цæстæй æркæсын кæй хъæуы. Таутиаты Хъазыбег, рауагъдад «Ир»-ы директор: «Стыр пълæнттæ нæм ис. Фæнд кæнæм нæ тематикон нысæнттæ иннæ азмæ сног кæнын, ахæм литературæ уадзын, цæмæй йæм адæм рады лæууой. Туризмы кой куы кæнæм, уæд фæнд кæнæм, туристтæн цымыдисаг чи уыдзæн, ахæм буклеттæ, брошюрæтæ, картæтæ мыхуыр кæнын». Национ литературæ хъахъхъæнын æмæ рæзын кæнын - уый дæр куыстуаты раззагдæр хæстæй иу у. Рох сæ нæу. Фæлæ уымæн дæр æхца хъæуы. Уыдон та бакусын хъæуы базары уавæрмæ цæст даргæйæ. Адæмы хсæн национ удварнæн кад куы нæ уа, уæд сын сæ размæ уыцы продукци хæсгæ дæр ма кæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фидæн ис?

Категория:

Новости и СМИ