Фæсивæдон параламент æрдзырдта ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарстатыл
Абон нæ республикæйы фæсивæдон параламент æрдзырдта ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарстатыл. Æмбырды архайдтой республикæйы парламенты депутат Хуыгаты Алан, ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты профессор Хъамболты Тамерлан, аллон гимназы директор Цæразонты Мадинæ æмæ газет «Рæстдзинад»-ы минæвæрттæ. Мадзалы сæйраг хæс уыд, ирон æвзаг фæсивæды 'хсæн рапарахат кæныны фарстаты иумæйаг куыст саразын. Фæсивæдон парламенты уæнгтæ радзырдтой, цавæр мадзæлттæ аразинаг сты фарста алыг кæнынæн, уый. Зæгъæм, ныр цыппæрæм аз араздзысты республикон сфæлдыстадон æркаст хуыздæр авторон уацмыс ныффысыны тыххæй, сæ пленарон æмбырдтæ дæр радыгай амондзысты иронау. Уымæй уæлдай ма фæсивæдимæ фембæлдтыты дæр разæнгард кæндзысты æрыгæтты æмæ сывæллæтты ирон æвзагыл дзурынмæ. Азымты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, ныййарджытæ хъуамæ ма тæрсой, ирон æвзаг ахуыргæнæн къордтæм скъолаты сæ цоты дæттын. Ацы фарстайы та министрадæн фæсивæдон парламенты уæнгтæ уыдзысты стыр æххуыс. Хъамболты Тамерлан æрдзырдта ирон æвзаджы уавæры тыххæй æмæ бафиппайдта, ныртæккæ ацы ахсджиагфарста хуыздæры 'рдæм ивын кæй райдыдта, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæсивæдон параламент æрдзырдта ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарстатыл
Категория:
Новости и СМИ