Фæхъомысджындæр уыдзæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

Эзмины гидроэлектростанцæ сног кæндзысты. Цæгат Ирыстоны уый у æппæты стырдæртæй иу. Кусы 70 азмæ `ввахс. Йæ кусæнгæрзтæ базæронд сты, хъæуы сæ ногтæй раивын. Ныртæккæ уал, уыцы куыстытæ йæхимæ чи райсдзæн, ахæмты агурынц. Цавæр ивддзинæдтæ ма дзы æрцæудзæн станцæйы? Эзмины гидроэлектростанцæ ныр 65 азæй фылдæр æнæрлæугæ кусы. Электрон тыхæй ифтонг кæны Цми, Эзми, Джерах, карьер Кавдоломит æмæ таможняйы пункт Уæллаг Ларс. Кæд нырма йæ куыст кæны, уæддæр ыл рæстæг чысылгай тых кæны. Кусæнгæрзтæ базæронд сты. Гидроэлектростанцæ хъæуы бындуронæй сцалцæг кæнын. Фæнд кæнынц уыцы куыстытæ тагъд рæстæджы райдайын. «Хъуамæ сæ кæнын райдайæм 2019-æмæй 2023-æм азты. Ис сæрмагонд бындурон программæ Эзмины гидроэлектростанцæ сног кæныны тыххæй. Хъуамæ кусæнгæрзтæ баивæм æнæхъæнæй. Куыд сæйрагдæртæ, афтæ уæлæмхасæнтæ дæр. Уымæй уæлдай ма скусын кæндзыстæм технологон процесстæ аразæг автоматикон системæ», - Эзмины гидроэлектростанцæйы техникон хайады сæйраг инженеры хæдивæг Дзоблаты Вячеслав. Баивдзысты гидротыхы, гидромеханикон æмæ электротехникон кусæнгæрзтæ. Фæлæ фыццаджыдæр сног кæндзысты гидроагрегаттæ. Сты 3. Уыдон сты гидроээлектростанцæйы куысты сæйрагдæр цæджындзтæ. Баивдзысты сæ тыхджындæртæй. Уыимæ иууылдæр иумæ нæ, фæлæ иугæйттæй, цæмæй иу объект дæр æнæ электрон тыхæй ма уа. Цалцæгмæ бавналдзысты афтæ, цæмæй станцæйы куыст ма рлæууа. Кусæнгæрзтæ сног кæныны руаджы объекты хъомыс фæфылдæр уыдзæн. Кусджыты дæр ног уавæрты фæллой кæныныл сахуыр кæндзысты. «Кусджытæ иууылдæр цæттæ сты ногдзинæдтæм. Уымæн сæ хъæуы уæлдæр дæсныйад райсын. Ног кусæнгарзимæ кусын æдзухдæр зæрдæйæн æхцон вæййы. Уæдæ сæтгæ дæр къаддæр фæкæны», - Эзмины гидроэлектростанцæйы мастер ТОТРАТЫ РУСЛАН. Ацы аз хъуамæ арæзт æрцæуа куыстытæ бакæныны конкурс. Уый руаджы сбæрæг уыдзысты, кусæнгæрзтæ чи сæвæрдзæн æмæ цалцæг кæй бар бакæндзысты, уыдон. Биджелты Бертæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фæхъомысджындæр уыдзæн

Категория:

Новости и СМИ