Дзанайты Барис фембæлд республикæйы цæрджытимæ
Фæцæрынæн æнæмæнг хостæй ифтонгад, æхсæнадон бынæтты хæрзарæзт. Дзанайты Барис фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Премьер æмткæй райсгæйæ, æркаст 11 курдиатмæ. Фембæлды архайдтой хицауады уæнгтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады разамонджытæ. Цæрджыты курдиæттæ уыдысты алывæрсыг. Се 'хсæн социалон къабазы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, ахуырад æмæ фæндæгты цалцæгимæ баст фарстатæ. Уыимæ ма социалон нысаниуæгимæ объектты арæзтад æмæ бындурон цалцæг. Цогойты Аллæ куры, цæмæй Алагиры æртыккæгæм скъола бындуронæй сцалцæг кæной. Сылгоймаг ахуыргæнæндоны кусы 53 азы. Бынаты куыд сбæрæг, афтæмæй скъолайы цалцæджы фæдыл курдиатæн рагагъоммæ разыйы дзуапп радтой. Куыстытæ дзы райдайын фæнд кæнынц фидæны аз. Зæронд Бæтæхъойыхъæуы та йæ тæмæны ис сывæллæтты ног рæвдауæндоны арæзтад. Бынæттон цæрæг Хъараты Ларæ уый фæдыл республикæйы разамындæн загъта бузныг. Куры, цæмæй ахæм хъæугæ объекты куыстытæ фæтагъддæр кæной. Хъæууон хæдзарады министр Къусраты Аланы ныхæстæм гæсгæ, бæстыхай аразынц министрады сæрмагонд программæйы фæлгæты. 60 бынатимæ сывæллæтты рæвдауæндон байгом кæндзысты фидæны аз. Дзæуджыхъæуы цæрæг Гацойты Марат та фæнд кæны электромобиль самал кæнын. Фæлæ тыхсы зарядкæ йæ кæм кæндзæн, ууыл. Дзуапдæттæг министр Таматы Майрæн куыд радзырдта, афтæмæй регионы ныридæгæн ис дыууæ ахæм объекты, афæдзы кæронмæ уыдзысты 6. Иннæ аз та ма сыл бафтдзæн ноджы 9. Ныхас ма цыд хæрзхъæд мобилон бастдзинад æмæ интернеты лæггæдтыл. Уыцы фарста тыхсын кæны Дзынагъайы цæрæг Хамихъоты Ермачы. Нымæцон технологиты райрæзты комитеты сæрдар Гахаты Даниил куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ хъæуы аразынц сæйраг станцæ. Куыстытæ æххæстгонд æрцæудзысты декабры кæрон.