Сывæллæтты реабилитацион центр «Тамисчъы» фæцис регионты æхсæн проект «Уæрæсейы тых»
Сывæллæтты реабилитацион центр «Тамисчъы» фæцис регионты æхсæн проект «Уæрæсейы тых». Йæ архайджытæ - профилактикæйы оргæнты хыгъды чи лæууы, ахæм æрыгæттæ. Сывæллæттæн бацæттæ кодтой бæрæгбоны концерт национ кæфтытæ, зарджытæ æмæ доулистты цагъдимæ. Æппæты зæрдæргъæвддæрæй чи бацархайдта, уыдонæн радтой лæвæрттæ. Уымæй уæлдай ма равзæрстой хуыздæр къорд дæр. Уыцы номы хицæуттæ систы Санкт-Петербургаг сывæллæттæ. Форумы бацархайдтой 78 сывæллоны, 12 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Уыдысты Цæгат Ирыстон, Хъалмыхъ, Хъæрæсе-Черкеси, Ростов æмæ Ленинграды облæсттæй, стæй Мæскуыйæ. Къуырийы дæргъы сын арæзтой тренингтæ, дæсныйадæвдисæн ахуыртæ, спортивон ерыстæ, квесттæ æмæ сфæлдыстадон мадзæлттæ. Лагеры сменæ «Уæрæсейы тых» расидт «Фыццæгты змæлд», сывæллоны бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг Мария Львова-Белова æмæ Уæрæсейы Рухстауыны министрады Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны центры хъæппæрисæй.