«Алани»-йæн улæфыны рæстæджы фæстæ уыд фыццаг тренировкæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

21 просмотр

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

«Алани»-йæн улæфыны рæстæджы фæстæ уыд фыццаг тренировкæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

21 просмотр

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

21 просмотр

3 года назад

«Алани»-йæн улæфыны рæстæджы фæстæ уыд фыццаг тренировкæ. Сезоны фæстæ командæйæ ацыдысты 5 адæймаджы. Сæйраг тренер Олег Василенкойы ныхæстæм гæсгæ, фæсивæдæн ис, цæуыл бакусой, уый. Сæхи хорз æвдисынц дублертæ дæр. Нæ клубæн сбортæ уыдзæн Дзæуджыхъæуы. Райгуырæн хæдзарæн та суанг йæ къултæ дæр æххуыс кæнынц. Фæсивæд улæфыны рæстæджы фæстæ фыццаг хатт æрбамбырд сты. Сæ зæрдæйы ахаст иттæг хорз у — лæппутæ сæ фæллад суагътой æмæ тренировкæтыл сæнкъард сты. Фæзмæ рацыдысты æмæ тренеры амынддзинæдтæм гæсгæ архайын райдыдтой. Футболисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сбортæ хæдзары куы райдайой, уæд уый хорзы нысан у. Сезоны фæстæ командæ ныууагътой 5 хъазæджы. Сæ дыууæ — Коцты Хетæг æмæ Хосонты Хетæгæн — сæ арендæ фæцис. Йæ адæргъвæтин кæныныл клуб архайдта, фæлæ футболисттæн сæхи фæнд сæйрагдæр у, бафиппайдта тренер Олег Василенко.  Сæйраг тренер фæлвары дублерты дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй хорз арæхсынц. Сæйрагдæр у - ног æнтыстдзинæдтæм тырнын æмæ райгырæн клубы сæраппонд хъазын. Иннæ æууæлтыл бакусæн ис. Куыд зонæм, афтæмæй клубæн лицензи нæ радтой Уæрæсейы премьер лигæйы архайынæн. Аххосаг у, æнæмæнг хъæугæ критеритæ æххæстгонд кæй не 'рцыдысты, уый. «Спартак»-ы рацарæзт нырма кæронмæ не 'рхæццæ. Лæппуты фæнды нæхи стадионыл хъазын, зæгъы сæйраг тренер, фæлæ ирон спортсментæн сæ ныфс нæ асæтдзæн. Зындзинæдты сæрты хизгæйæ, сæ зæрдæ дарынц æрмæст ног уæлахизтыл. «Æмæ кæд ныртæккæ «Алани»-йы уавæр, нæхи куыд фæнды, афтæ нæу, уæддæр нæ къухтæ дæлæмæ хъуамæ ма уадзæм», — зæгъынц футболисттæ. Мах та кæддæриддæр хъуамæ  уæм нӕ уарзон командæйы фарсмæ.

, чтобы оставлять комментарии