Цæстфæлдахджытæ базарадон онлайн-фæзуæттыл арæхдæр асайынц æрыгæтты
Алыхуызон товартæ онлайн фæзты уæй кæнын, уыимæ ма фæсаууонмæ æмæ стыр мыздимæ - 80-йæ 120 мин сомы онг. Цымыдисаг та ма уый у, æмæ куыстмæ æнæ фæлтæрддзинадæй исынц. Æмбæлгæ амынддзинæдтæ та видео-урокты. Ахæм уавæртæ алы куыстагурæджы дæр сразæнгард кæндзысты. Æрмæст лайктæ æвæр, товарты тыххæй дæ хъуыдытæ фыс, цæмæй сæ фылдæр адæм бацагурой æмæ дын мызд уайтагъд æрбацæудзæн. Фыццаг рæстæг къуылымпыдзинæдтæ дæр нæ сæвзæры. Куысты æрлæууыны размæ адæймагæй бацагуырнц хæрз чысыл æхца - 100-йæ 300 сомы онг. Хъæуы сæ хи хардзæй æрæвæрын, цæмæй дын зæрдæмæдзæугæ æмæ фылдæр мызд радтой. Нæ æрмæджы хъайтар-чызг цæстфæлдахджыты ахæсты бахауд, уый фыццаг нæ бамбæрста. Йæ размæ иу ын цы хæстæ сæвæрдтой, уыдон уыдысты æнцон, уайтагъд сæ иу баххæст кодта. Фæлитойтæ йæ æмбæрстой чызг сын сæ зыгъуыммæ митæ кæй фембардзæн æмæ йæ тагъд кодтой. Æрвылбон иу æм фыстой. Æмткæй райсгæйæ æппæт ацы архайд арæзт цæуы æхца расайыны тыххæй, фæлæ нымæцон хуызы. Цæстфæлдæхджытæ сæ æфсæрст миты руаджы арæхдæр басæттынц карджын адæмы. Уыдон уæндондæр разынынц, нырыккон техникæйы гæнæнтæй пайда кæнынц къаддæр, уыимæ ма арæхдæр цæрынц иунæгæй. Фæлæ фæсивæд дæр сайды бацæуынц. Кæд цæстфæлдахджыты миты тыххæй фæзонынц, уæддæр къæрцхъус нæ фæлæууынц. Ууыл дзурæг сты статистикæйы бæрæггæнæнтæ. Цæстфæлдахджыты архайд сыскъуынæн нæй. Цæрджыты сæ митæй бахизыны фæдыл куыст æппынæдзух цæуы. Куыд интернеты, афтæ царды дæр. Адæмæн æппынæдзух хъусын кæнынц, сидынц сæм цæмæй къæрцхъусдæр уой. Пъæлицæйы кусджытæ сæрмагондæй бацæттæ кæнынц видеормæджытæ. Структурæйы ма ног хайæдтæ дæр фæзынд киберфыдракæндты ныхмæ. Райсынц сæм æрмæст хуыздæр кусджыты. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ничи никæй бахъахъхъæндзæн, адæймаг къæрцхъус куы нæ фæлæууа æмæ "æнцон" æхцаты фæдыл куы нæ тырна, уæд. Сайæн схемæтæ ногæй-ногмæ ивынц, парахат кæнынц. Се 'ппæтыл цæст не 'ххæсы. Хъыгдæрд чи баййафы, уыдоны нымæц æппынæдзух рæзы. Æхцайы фæрæзтæ фæстæмæ раздахыны хъуыддæгтимæ баст цаутæ бирæ не сты.