Дзæуджыхъæуы 17 мин сабийы ацы фæззæг бацæудзысты сывæллæтты рæвдауæндонмæ
Рæвдауæндоны ахуыры аз аххæсы афæдз. Фæлæ афæдзæй-афæдзмæ ахуыргæнæндæтты фæхъæуы цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын. Цыфæнды нырыккондæр куы уа, уæддæр. 96-æм сывæллæтты рæвдауæндоны цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой 2018 азы октябры. Бæстыхайы руаджы дзы фæзындзæн 55 уæлæмхасæн бынаты. Уыимæ ма ахуыргæнæндоны хи хъарутæй сцалцæг кодтой хæрæндон. Сывæллæтты рæвдауæндон бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис, йæ хæдивæг Бæройты Хасан æмæ Галиуфарсы администрацийы разамонæг Таутиты Æхсар. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм 2019 азы дыккаг кварталы федералон программæйы фæлгæты 7 сывæллæтты рæвдауæндоны æнтыстджынæй кусынц уæлæмхасæн къордтæ. Ацы аз ма 18-æм микрорайоны фæзынд сывæллæтты ног рæвдауæндон 280 бынатæн. Æдæппæтæй 2015 -æм азæй 2019 азмæ сарæзтой 55 уæлæмхасæн къорды. Бынат дзы ис 1225 адæймагæн. Ныртæккæ бирæ ахуыргæнæндæтты цæуыннц бындурон цалцæджы куыстытæ. 45-æм, 65-æм,75-æм, 86-æм сывæллæтты рæвдауæндоны цалцæг кæнынц хæрæндæттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 17 мин сабийы ацы фæззæг бацæудзысты сывæллæтты рæвдауæндонмæ
Категория:
Новости и СМИ