Уæрæсейы фæфылдæр синтетикон наркотикты æнæзакъон зилдух
Уæрæсейы фæфылдæр синтетикон наркотикты зилдух. Афæдз æмæ `рдæгмæ барадхъахъхъæнджытæ раиртæстой ахæмты 62 ног хуызы. Дзырдæн зæгъæм, иу уголовон хъуыддаджы ныхас цыд синтетикон каннабинОиды 140 килограммыл. Уый тыххæй наркотикты ныхмæ паддзахадон комитеты æмбырды абон фехъусын кодта Уæрæсейы мидхъуыддæгты министр Владимир Колокольцев. Видеобастдзинады фæрцы уым архайдта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Барадхъахъхъæнджыты разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй уæлдай цæстæнгас домы «дизайнерон», зæгъгæ, кæй хонынц, уыцы хъылма. Раст æмæ бæлвырд информаци хъæуы канд мидхъуыддæгты нæ, фæлæ ма дохтырты дæр. Уыдон хъуамæ æмбæлгæ афонты иртасой адæймаджы диагноз æмæ йын кæной ахадгæ æххуыс. Уæвгæ, уыдæттæм техникон æгъдауæй Уæрæсейы регионтæй бирæтæ цæттæ дæр не сты. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны уыцы гæнæнтæ ис. Уымæй уæлдай ма республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта, тæнгъæдимæ чи кусы, ахæм хроматограф самал кæнын дæр. Йæ руаджы рынчынты иртасыны хæс ноджы рогдæр уаид. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ахæм кусæнгарз Уæрæсейы ис æрмæстдæр аст регионы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уæрæсейы фæфылдæр синтетикон наркотикты æнæзакъон зилдух
Категория:
Новости и СМИ