Гом дуæртты бон
Суворовы номыл æфсæддон училищæйы арæзт æрцыд гом дуæртты бон. Ам ахуыр кæнын кæй фæнды, уыдон бирæ сты. Радзырдтой сын, бацæуæн экзаментæ раттыны фæстæ сывæллæттæм цы æнхъæлмæ кæсы, уый тыххæй. Ахуыргæнæндонмæ лæппутæ бацæуынц фæндзæм къласы. Фæугæ та йæ фæкæнынц сагсур лæппулæгтæй. Æцæг лæгты кæм цæттæ кæныныц, уыцы бæстыхай фенынмæ сывæллæттæ æмæ мадæлтимæ ‘рбацыд не ‘сфæлдыстадон къорд дæр. Нæ уацхæсджытæн ныхасы бар. Интернационалон уынг адæмæй байдзаг. Цæгат Кавказы Суворовы номыл æфсæддон училищæмæ æрвылазон гом дуæртты бонмæ бахауыны тыххæй адæм слæууыдысты рады. Къæридорты дæр ацæуæн нæй. Сæдæгай сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæ республикæй алы къуымтæй рбацыдысты номдзыд ахуыргæнæндон фенынмæ. Фæнды сæ базонын, зæронддæр æфсæддон училищæтæй иуы цы фадæтты ис ахуыр кæнынæн æмæ цæрынæн, уый. Бæстыхайы сын сарæзтой экскурситæ — 15-æй фылдæр. Сты тематикон - ахуырадон кълæсты, спортзалы, музейы, 4-æм ротæйы лæууæн раны. Уазджыты адих кодтой къордтыл. Гидтæ сын дзырдтой училищæйы тыххæй æмæ сын дзуапп лæвæрдтой сæ фарстатæн. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм хуызы уазджытæ фылдæр базондзысты училищæйы тыххæй. «Куыд сывæллæттæн, афтæ сæ ныййарджытæн дæр фадат ис училищæйы истори, ахуырадон материалтæ æмæ фæткимæ базонгæ кæнын. Уымæй уæлдай ма ныййарджытæ базонгæ уыдзысты училищæмæ ахуыр кæнынмæ бацæуыны æгъдауимæ», — Цæгат Кавказы суворовы номыл æфсæддон училищæйы хицау Тауытты Руслан. Бирæтæ ныридæгæн сæ фæндон сбæлвырд кодтой. Ныййарджытæ дызæрдыг нæ кæнынц, ахæм ахуыр лæппутæй æцæг лæгтæ кæй рауайын кæндзæн, ууыл. Гæххæттытæ исыны рæстæг райдайы 15-æм апрелы æмæ фæцæуы мæйы бæрц. Дарддæр райдайынц бацæуæн экзаментæ æртæ ахуырадон предметæй: уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæй, стæй математикæйæ. Дарддæр та бæрæг кæнынц сывæллæтты уæнгдыхы цæттæдзинад. Æппæты фылдæр баллтæ чи райса, уыдонæн бар уыдзæн ам хуыр кæнынмæ. Училищæйы бынæттæ та ис æрмæст 34. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Гом дуæртты бон
Категория:
Новости и СМИ