Паддзахадæй æххуыс
227 æрыгон бинонтæ райсдзысты субсидитæ цæрæнбынæттæ дæттыны паддзахадон программæмæ гæсгæ. Уый тыххæй радих кæндзысты 178 милуан сомы. Уый рабæрæг Цæгат Ирыстоны хицауады радон æмбырды. Амыдта йæ Тускъаты Таймураз. Уымæй уæлдай ма фидаргонд æрцыд лæвар зæххы хай кæмæ хауы, уыцы адæмы номхыгъд. Æркастысты ма хæдзар саразынæн æхца чи радта æмæ кæй фæсайдтой, уыцы цæрджыты фарста алыг кæныны пъланмæ дæр. Фæсивæдон политикæйы къабазы республикæйы хицауады преми чи райсдзæн, уыдоны номхыгъд дæр сбæрæг. Æртæ æрыгон активистæн ратдзысты фæйнæ 50 мин сомы. Æмбырды ма æрдзырдтой фермертæн баххуыс кæныны тыххæй дæр. Сæрмагондæй ныхас цыд фыстæ æмæ сæгътæ чи дары, уыдоныл. Ацы къабазы рæзтæн радих кæндзысты 2,5 милуан сомы бæрц субстдитæ. Хицауады уæнгтæ ма байхъуыстой разамынддæттæг компаниты куыст фæхуыздæр кæныны тыххæй арæзт куыстадон къорды докладмæ. Тускъаты Таймураз куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй къорд къабазы лыггæнинаг фарстатæ раст рабæрæг кодта, фæлæ вазыгджындæр у разамынддæттæг структурæтæ муниципалитетты сбæрæг кæнын. Уыдон хъуамæ кæсой разамынддæттæг компаниты куыстмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Паддзахадæй æххуыс
Категория:
Новости и СМИ