Абон Республикæйы Ветеранты советы сарæзтой фембæлд
Абон Республикæйы Ветеранты советы сарæзтой фембæлд. Æрымысыдысты инæлар-булкъон Цоколаты Эльдары ном. Абон ыл хъуамæ сæххæст уыдаид 90 азы. Цоколаты Эльдар райгуырд Буйнакскы, дохтырты бинонты. Йæ фыд уыд хъуымыхъхъаг, йæ мад ирон. 1949 азы архуыр кæнын райдыдта Сталины номыл хæстон-денджызон авиацион училищæйы. Уæдæй фæстæмæ йæ цард снывонд кодта авиацийæн.1953 азы архайдта Цæгат Кореяйы æмæ Америкæйы хсæн хæсты.1983 азы йæ Советон Цæдисы министырты къорд схорзæхджын кодта авиациийы инæлар-булкъоны номæй. Уыцы аз æй скодтой æфсæддон-уæлдæфон тыхты командæгæнæг дæр. Хъыгагæн, 2006 азы, 20 августы Цоколаты Эльдар йæ цардæй ахицæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон Республикæйы Ветеранты советы сарæзтой фембæлд
Категория:
Новости и СМИ