Æвзарæн бон
Ацы боны сæйраг хабар – Хуссар Ирыстоны Парламенты æвзæрстытæ. Бæлвырд у, ацы сахатмæ æвзарæн хайæдтæ иууылдæр кæй сæхгæдтой, уый. Хуссар Ирыстоны Центор Æвзарæн Къаис куыд хъусын кæны, афтæмæй æмткæй райсгæйæ æвзæрстытæ ацыдыстыт æнæ закъонхæлдтытæй. Схъæлæс ккодтой 60% фылдæр. 15 азмæ фыццаг хат хъæлæс кодтой æмхæццæ-бæлвырд сæрмагонд системæмæ гæсгæ. Уый фæлгæты Парламенты нысангонд ис 34 бынаты. Се`рдæгмæ абон æвзæрстой партиты номхыгъдмæ гæсгæ. Иннæтæм та - Иумандатон зылдты хуызы. Срегистраци кодта 7 политикон партийы. Уыдон сты: «Иугонд Ирыстон», «Адæмы иудзинад», «Ныхас», Адæмон парти, Комунистон парти, «Иудзинад» æмæ «Фыдыбæстæ». Уымæй уæлдай ма регистраци скодтой нæуæдз фараст кандидаты, 17 Иумандатон зылдæй. Уыдонæй 60 – Хадбар кандидаты сты, 39 та хъаппарисджын къордты фæндонæй чи цæуы æвзæрстытæм, ахæмтæ. Бынаты абон æнæнхъæн бон куыста не`сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр радзурдзысты нæ уацхæсджытæ. Райсомы 9 сахатыл Хуссар Ирыстоны æппæт æвзарæн хайæдтæ сæ дуæрттæ байгом кодтой. Хъæлæс кæнынмæ чи цыд, уыдонæн сæ къухтæм лæвæрдтой дыууæ сæрмагонд сыфы. Иу партиты номхыгъдимæ. Иннæ та иумандатон зылдты хуызы чи хъавы парламенты уæнг суæвын, уыдоны нæмттимæ. Æвзарæн хайады фыццæгтæй иу – Аланийы Паддзахады президент Бибилты Анатолий. Хъæлæс кæнынмæ æрбацыд йæ бинойнагимæ. Хуссар Ирыстоны рæзты фарс рахæцыд. Æдыппæтæй Хуссар Ирыстоны парламенты æвзæрстытæм байгом кодтой 77 æвзарæн хайады. Алкæм дæр сæ куыст кодтой цæстдарджытæ. Æрцыдысты Дунейы алы къуымтæй. Се`хсæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзиндыл чи сразы ис, ахæм бæстæты минæвæрттæ. Минæвæртты хсæн ма Хуссар Ирыстоны фарс рахæцын нар чи хъавы ахæм бæстæтæ дæр. Уыдон сты Итали, Бельги, Япони æмæ Германи. Æвзæрстыты арахайдта Цæгат ирыстоны делегаци дæр. Йæ сæргъы Цæгат Ирыстоны пардламенты сæрдары хæдивæг Билаонты Бартадз. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытæм бацæттæ кодтой бæстонæй. Уый бæрæг у. Бафиппайдта, закъоны бындурыл арæзт кæй у алцыдæр, уый. Хуссар Ирыстоны центрон æвзарæн къамис æнæрынцайгæйæ йæ куыст кодта. Уыцы иу рæстæг уавæры тыххæй хъусын кодта дзыллон информацион фæрæзты центрмæ дæр. Бæрæг кодтой, хъæлæс кæныны рæстæг æнæ къуылымпыдзинæдтæй кæй цæуы. Республикæйы цæрджытæ æвзарæн хайæдтæм цыдысты æнæнхъæн бон. Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, адæм сæ граждайнаг хæс сæххæст кæнынмæ æрбацыди 60% фылдæр. Æвзарæн хайæдтæ 8 сахатыл æхгæд æрцыдысты. Ныр ралæууыд хъæлæстæ нымайыны рæстæг. Центор Æвзарæн Къамисы сæ куыстæн хаттдзæгтæ сæкæндзысты æмбисыхæхсæвмæ. Кæронбæттæн уынаффæ æрцæудзысты цалдæр боны фæстæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æвзарæн бон
Категория:
Новости и СМИ